Джуаншер Бурчъуладзе сфысым кодта Португалийы хъахъхъæнынады министрæн
Хæдбар Гуырдзыстоны историйы фыццаг хатт Гуырдзыстонмæ кусæн визитæй æрцыд Португалийы хъахъхъæнынады министр Хелена Каррейрас.
Уымæн хъахъхъæнынады министр Джуаншер Бурчъуладзе сфысым кодта. Официалон разхмæ рацыды церемонийы фæстæ хъахъхъæнынады министрады дыууæфарсон фембæлд ацыд. Коллегæтæ æхсæнадæмон æдасдзинады фарстатæ æмæ уæвæг быцæусидтытæ афæлгæстой. Ныхас уыд фидæны дыууæфарсон æмгуыстады перспективæтыл æмæ Гуырдзыстоны Ервопаг æмæ евроатлантикон интеграцийы фарстатыл.
Фембæлдыл хаххгондæй банысан ис гуырдзиаг æмæ португалийаг æфсæддæтты иумæйаг хайбавæрд æхсæнадæмон æдасдзинад сифтонг кæныны.
Фарсытæ дыууæфарсон æмгуыстад стынг кæныныл æрныхас кодтой. Фембæлды фæлгæтты хъахъхъæнынады министртæ Португалийы Республикæйы националон хъахъхъæнынады министрады æмæ Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министрады æхсæн æмгуыстады фæдыл документыл бафыстой къух. Хелена Каррейрас Хъайтарты фæзыл дæр уыд æмæ дидингуытæ сæвæрдта Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинапдæн тохы фæмардуæвæг хъайтарты мемориалыл.
Визиты фæлгæтты Хелена Каррейрас Гуырдзыстоны премьер-министр ираклий Гъарибашвилиимæ фембæлдис, оккупацион хаххы цур уыдис Гуры, Давит Агъмашенебелийы номыл националон хъахъхъæнынады академимæ фæуазæг ис.
Информаци публикаци кæны Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министрады пресс-куыст.