Джуаншер Бурчъуладзе хайад райста Украинайы контактон къорды фембæлды
Гуырдзыстоны хъахъъхæнынады министр Джуаншер Бурчъуладзе Украинайы контактон къорды фембæлды райста хайад.
Виртуалон форматы фембæлд АИШ-ы хъахъъхæнынады нымæрдары, Ллойд Остины æмæ АИШ-ы иугонд штабты хистæры, инæлра Марк Миллийы организацигондæй ацыд.
Фембфлдыл Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады тыхты хистæр инæлар-майор Гиорги Матиашвили райста хайад. Украинайы фарсхæцæг балы радæй 10-æм фембæлды дунейы 50-ы онг бæстæйы хъахъхъæнынады министртæ æмæ бæрзонд рангы гæстæ истой хайад.
Фембæлдыл Уæрæсейы Федерациимæ цæугæ хæсты Украинайæн координацигонд æфсæддон æххуысы домæнтæ æмæ уæвæг уавæр æркастысты.
Украинайы контактон къор АИШы инициативæйæ уыд арызт. А.х. Рамштайны форматы фембæлдты нысан, Украинайæн фарсхæцыны координацидзинад стынг кæнын у.