Джуаншер Бурчъуладзе Стыр Британийы экспорты министрыл фембæлд
Джуаншер Бурчъуладзе Стыр Британийы экспорты министрыл фембæлд

Джуаншер Бурчъуладзе Стыр Британийы экспорты министрыл фембæлд

Гуырдзыстоны хихъахъхъæнады министр, экспорты фарстаты Британийы министр лорд Малком Офордæн сфысым ис.

Минитсрады информацимæ гæсгæ, Джуаншер Бурчъуладзе, бритайнаг уазæгæн Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ суверинитеты, афтæ дæр евроатлантикон тырнындзинады фарсылхæцындзинадæн бузныг расидтис æмæ банысан кодта, цæмæй Стыр Британи, кæцы Гуырдзыстоны нысаниуæгджын стратегион партнер у, стыр хай хæссы Гуырдзыстоны хихъахъхъæнады размæцыды.

Фембæлдыл фарсытæ æнæмангдзинæдтыл конд фарсылхæцæн пакеты (Tailored Support Package) фæлгæтты фидæн  æмкуыстдзинады фадаттыл фæуынаффæ кодтой. Ныхас баххæсыд Гуырдзыстон æмæ Британийы æхсæн уæвæг дыууæфарсон æмкуыстдзинады фарстатæм, се æхсæн, хъусдард сцырын ис киберæдасдзинады къуымæй фарсылхæцындзинадыл.