Джозеп Борел – реакци уыдис фæлмæн, Путин  Гуырдзыстонмæ куы ныббырста, 2022 азы та, КИевыл бомбæкалд куы райдыдтой  уæд сыхъал стæм тынг æнмаонд уавæры æмæ  куыд фæбæрæг афтæмæй,  цæттæ  нæ уыдыстæм
Джозеп Борел – реакци уыдис фæлмæн, Путин Гуырдзыстонмæ куы ныббырста, 2022 азы та, КИевыл бомбæкалд куы райдыдтой уæд сыхъал стæм тынг æнмаонд уавæры æмæ куыд фæбæрæг афтæмæй, цæттæ нæ уыдыстæм

Нæ реакци уыдис фæлмæн, Владимир Путин  Гуырдзыстонмæ куы ныббырста  2008  азы  уæд – уый фæдыл, Евроцæдсиы  æддæ  архæйдтыты  куысты  къухдариуæггæнæг Джозеп Борел  НАТО-ы саммиты фæлгæтты  Евроцæдисы  хъахъхъæнынады  мадзалыл  дзырдæй ралæуды рæстæджы  райхъусын кодта.

Евроцæдисы  æддагполитикон уагдоны къухдариуæггæнæгы  дзырдæй,  ныгуылæн æрдæг  зæрдæйæ  сдзуапп кодта Путины  архæйдтытæн,  2014 азы уый Хъырымы анекси  куы  æххæст кодта  уæд.

«Нæ нæ фæндыд хæсты  фенын, кæцы  тынг æргом.   Путины фæнды, Уæрæсе  фæстæмæ   доминант уа  йæ сыхы.  Путин нæйы зæгъгæ нæ дзуры Уæрæсейы империаллистон   амбицитыл. Уый у проблемæ. Уæрæсе та  афтæ архайы  куыд импери æмæ  Путины  фæнды  снæдидзын кæна импери – уыдзæн уый  паддзахы  импери æви советон импери. Æппынфæстаг  2022 азы  февралы,  уыдон Киевыл бомбæкалд куы райдыдтой,   мах сыхъал стæм ацы  æнамонд реалондзинады æмæ  тынг æвзæр цæттæ  уыдыстæм.  Райхъал стæм  æмæ стæй  бамбæрстам, цæмæй нæ уыдыстæм цæттæ ацы  расидтмæ.  75 азы  размæ  советон   цæдис  сæвзæрдис куыд  азар  Европæйы сæрибардзинад æмæ демократийæн,  мах йын сдзуапп кодтам  иудзинадæй æмæ тыхæй.  Абон та  иунæг, цæй саразын у нæ бон, раст уыцы  фæндаг адарддæр кæнын у», –  райхъусын кодта Джозеп Борел.