Джозеп Борел – «фæсарæйнаг агентты» закъон йæ къух нæ аразы Гуырдзыстонæн европаг фæндагыл, фæлæ хъуамæ уæм арæхсгай, ма базиан кæнæм националон æнкарæнтæ, спайда кæнæм «фæлмæн æвзагæй», иурæстæгонæй та нын ъуамæ уа  дырыс позици
Джозеп Борел – «фæсарæйнаг агентты» закъон йæ къух нæ аразы Гуырдзыстонæн европаг фæндагыл, фæлæ хъуамæ уæм арæхсгай, ма базиан кæнæм националон æнкарæнтæ, спайда кæнæм «фæлмæн æвзагæй», иурæстæгонæй та нын ъуамæ уа дырыс позици

«Фæсарæйнаг агентты» закъон йæ къух нæ аразы   Гуырдзыстонæн Евопаг фæндагыл.  Мах сын уый  дзурæм, фæлæ  иурæстæгонæй  хъуамæ уæм тынг арæхсгай, цæмæй ма разнаггад кæнæм  сæ национ æнкъарæн. Хъуамæ спайда кæнæм «фæлмæн æвзагæй» иурæстæгон нын хъуамæ уа  дырыс позици, –  уый фæдыл Евроцæдисы  бæрзонддæр  минæвар  Джозеп Борел  райхъусын кодта.

Уыимæ, Борел банысан кодта, цæмæй  Гуырдзыстоны цауы  уый æххæссы  закъонмæ, фæлæ  ис  æндæр бæстæтæ, кæцыты  Евроцæдисы æддагон политикæимæ иумæнæбадгæ  сты, дæнцæн Сербий.

«Тынг сагъæсгæнæг стæм, «фæсарæйнаг агентты»  закъоны тыххæй. Уый æцæгдæр  нæ аразы йæ къух Гуырдзыстонæн   европаг фæндагыл æмæ сын  мах уый дзурæм, фæлæ  иурæстæгонæй  хъуамæ уæм тынг арæхсгай, цæмæй ма разнаггад кæнæм  сæ национ æнкъарæн. Хъуамæ спайда кæнæм «фæлмæн æвзагæй» иурæстæгон нын хъуамæ уа  дырыс позици, цы  у æмбæлон  æмæ   цы та иумæнæбадгæ у  Европаг фæндагыл.

Гуырдзыстоны цауы уый æххæссы закъонмæ, фæлæ ис æндæр бæстæтæ, кæцытæ  Евроцæдисы æддагон политикæимæ иумæнæбадгæ сты, дæнцæн Сербий.  Евроцæдсы  æддагон политикæимæ  йын ис  тынг ныллæг æмбынатидзинад æмæ уый дæр хъæуы банысан кæнын.  Кæд дæ фæнды  суай  Евроцæдисы  уæнг, уæд хъуамæ æмбæлон уай закъоны сæйрагдзинады, сæрибардзинады æмæ æддагон политикæйы æрдгæй», –  райхъусын кодта Джозеп Борел.