Джордж Буш – зæрдæ риссы уымæй, цæмæй куыд ахаст дарынц Михеил Саакашвилимæ ахæстоны
Украинайы уæлахиздзинад гæнæн йс фæндаг фегом кæна фадатæн, кæцы кæрон скæндзæн Уæрæсейы æрдгæй уæ бæстæйы территориты 20%-ы оккупаци Путины бырстæй 15 азы фæстæ, – уый фæдыл АИШ-ы раздæры президент Джордж Бушы фыстæджы дзырдæуы, кæцыйы бакастысты Тбилисы æхсæнадæмон конференцийыл «Путины басаст».
Джордж Бушы дзырдæй, зæгъгæ гуырдзиаг адæмы фæнд æнæфæцудгæ у ома Гуырдзыстон бауа транс-атлантикон демократон дзыллæйы æххæстаргъджын уæнг, бауа Евроцæдисы æмæ НАТО-ы уæнг.
«Æмбæстагон дзыллæ Гуырдзыстоны дарддæр кæны иттæг нысаниуæгджын роль æххæст кæнын бæстæйы размæ рахæцыны процессы. Ивгъуыд дæр куыд банысан кодтон афтæмæй, Гуырдзыстон мæ хъуыдыты ахсы сæрмагонд бынат. Сымахæн ис иузæрдыг хæлæрттæ Америкæйы Иугонд Штатты. Фарстатæ нырмадæр ис Гуырдзыстоны хицауады демократон хæзнатæм иузæрдыгдзинады фæдыл. Мæ зæрдæ риссын кæны уыцы факт, цæмæй цы ахаст дарынц æртыккаг президентмæ ахæстоны. Ис хъыгдзинад уæ бæстæйы Уæрæсейы рæзгæ æндæвдады фæдыл æмæ хицауады æрдгæй Украинайы адæмæн æмæ «лидершипæн» фасрхæцыны æрдгæй. Афон у, иумæ слæууæм. Цæй ма спайда кæнæм ацы конференцийæ, цæмæй ногæй сбæлвырд кæнæм нæ иузæрдыгдзинад демократи æмæ сæрибардзинадмæ æмæ басæттæм тыхты, кæцытæ тæссаг сты ацы идеалтæн. Хуыцауæй арфæгонд уæнт гуырдзиаг адæм æмæ æхсарджын уæгъдибар хæцджыты Дунейы», – дзырдæуы Джордж Бушы фыстæджы.