Джон Маккейны идæдз –Джон хъуыды кодта цæмæй, Гуырдзыстон демокративон ивдтыты æрдæм тохы раззаг хаххыл лæууы æмæ афтæ у абоны онг
Джон Маккейн нымадта, цæмæй регионы, Гуырдзыстон демокративон ивдтыты æрдæм тохы раззаг хаххыл лæууы æмæ уый афтæ адарддæр уыдзæн – ацы фидиуæны, Синди Маккейн,Тбилисы цæугæ æхсæнадæмон конференцийыл дзырдæй ралæуды æрстæджы сарызта. Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ Гуырдзыстон уыцы бæстæты раздзог рæнхъыты ис, кæцытæ «сыхы Уæрæсейы доминирдзинады ныхмæ хæцынц».
«Гуырдзыстон уыцы бæстæты раздзог рæнхъыты лæууы, кæцытæ сæрмагонд сыхы, Уæрæсейы доминирдзинады ныхмæ тох кæнынц, кæцытæ йæ ныхмæ сты Мæскуыйы архайдæн, йæ бын ракъаха демокративон институттæн æмæ закъоны сæйрагдзинадæн. Джон Маккейн бирæ хатт уыдис Гуырдзыстоны æмæ абæрæг кодта оккупацион хахх, фембæлд хæсты фæстиуæгæн тыхыбын бынативгæ æмбæстæгтимæ. Маккейн бирæ хæттыты равдыста Гуырдзыстоны уарзондзинад æмæ фырдис, уый фырцин уыдис гуырдзиæгты хæдбардзинады æрдæм тырнынадæй æмæ сæрибардзинад уарзтæй», – райхъусын кодта Синди Маккейн.
Джон Маккейны идæдз куыд хъусын кæны афтæмæй, йæ сæры хицау уыдис Гуырдзыстоны барты сегасæй хуыздæр сæрыл дзурæг АИШ-ы æмæ Ныгуылæны.
«Джон зыдта, цæмæй уыцы дуне, цы ран абаргæйæ чысыл паддзахадтæ демокративон, хæдбар æмæ хъахъхъæд сты стыр сыхагы агрессийæ, алы демократийæн дæр у фылдæр æдас. Уый сæрмагонд цард ахæм дунейы арæзтадæн снывонд кодта. Бирæтæ, стыр паддзахадтæн Гуырдзыстоны чысыл æмæ æнæнысаниуæгджыныл нымайынц, фæлæ истори сеппæтæй арæх иу ныффыстæуы тынг дард æмæ бирæтæн æнæзонгæ рæтты. Джон Маккейн Гуырдзыстонæн йæ фарс хæцыд, бæстæ хæдбардзинадæн æмæ сæрибардзинадæн куы хæцыд уæд. Джоны уд ныр дæр ма ис сымахмæ, Гуырдзыстон йæ тох куыд дарддæр кæны. Уый удæгас æмæ ам куы уайид , уæд æнæмæнгæй баздæхтаит гуырдзиæгтæм æмæ сæм иумæ слæууыны сидт арвыстаит, цæмæй уæ демокративон институттæ фæтыхджындæр уой æмæ националон æдасдзинад хъахъъхæд уа. Цыфæнды хъауджыдæргонд цæстæнгас уæм уа, Гуырдзыстон хæдбардзинады æмæ демократийы хъахъъхæнын, хъуамæ уа уæ иумæйаг æмæ сæйраг тырнынад», – райхъусын кодта Синди Маккейн.