Джо Байден – Путин у хæсты фыдгæнæг  æмæ  тæрхонмæ лæвæрд хъуамæ æрцæуæд
Джо Байден – Путин у хæсты фыдгæнæг æмæ тæрхонмæ лæвæрд хъуамæ æрцæуæд

АИШ-ы президент, Джо байден  ноджы иу  хатт  схуыдта  путины   хæсты фыдгæнгæй æмæ  райхъусын кодта, цæмæй Бучайы, марындзинæдты тыххæй,   Уæрæсейы президент,  хæсты фыдракæнды  тыххæй  тæрхондоны раз  хъуамæ ралæууа.

Байдены дзырдæй, Бучайы  æрцæугæйы тыххæй,  Уæрæсейы ныхмæ  санкцитæ  фæкарздæр кæнын хъæуы.

«Кæсут цы  æрцыд Бучайы.  Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ацы хæст у  фыдракæнд. Ацы адæймаг  у дурзæрдæ  æмæ  Бучайы цы æрцыд, уый æппæт у  æбуалгъ.  Хъуама бамбырд уа  бæлвырдгæнæнтæ æмæ ацæуа  хæсты фыдракæнды  тæрхондон.   Хъуамæ  адарддæр кæнæм   Украинайæн  хæцæнгарз дæттын, уыдоны  хъæуы  стыхджын кæнын  хæцынмæ.  Æз адарддæр кæндзынæн  санкцитæ  фидар кæнын. Деталтæ уын базонын кæндзынæн», – райхъусын кодта  Байден.

Бакой  уын кæндзыстæм,  цæмæй Украинайы  хицауад Уæрæсейы, Киевмæ хæстæг  горæт Бучайы  сабыр  æмбæстæгты  цагъды  аххосджын кæны. Киев, æрцæугæйы хоны геноцидæй.