Джо Байден -  фидар кæнæм  тыхджын санкцитæ, ныццæвдзыстæм  Уæрæсейы  рублы, кæцы егасдæр ныллæг курсмæ æрцыд  мæйты дæргъы, арæн кæнæм  цыппар сæйраг банкъы
Джо Байден - фидар кæнæм тыхджын санкцитæ, ныццæвдзыстæм Уæрæсейы рублы, кæцы егасдæр ныллæг курсмæ æрцыд мæйты дæргъы, арæн кæнæм цыппар сæйраг банкъы

Владимир  Путин  нырид мæйты  дæргъы  план кодта   аы  хуъыддаг,  ай у  развæлгъау  барæй цæттæ  бырст, 175 мин  хæцæг  æмæ æфсæддон  хотыхтæ  ралæууын кодта  Украинайы  арæнты дæргъмæ,  сарызта быдырон госпиталтæ,  тугы  фæтсауæрцæ – уый фæдыл  АИШ-ы  президент  Джо Байден  пресс-конференцийыл райхъусын кодта.

Байден куыд банысан кодта афтæмæй,   Путин зæгъгæ  алы  тыхархайдтыл нæзагъд ракодта,  кæцы АИШ æмæ йæ партнерты æрдгæй  уыд, «цæмæй размæ  цыдаиккам   диалогы  фæндагæй  æмæ нæхи аиуварс кодтаиккам  æнæхъæугæ  конфликтæй».

Афтæма й æ ныхæстæм гæсгæ, АИШ  фидар кæны  санкцитæ  Уæрæсейы ныхмæ æмæ  Байден куыд  загъта афтæмæй,   Уæрæсейы  экономикæ  серьозон аргъ  бафиддзæни.

Арæн скæндзыстæм  Уæрæсейы  фадæттæ,  ома  мауал сын уа  фадат   бизнес аразын Европæйы, доллартæй, фунттæй.  Бауромдзыстæм  Уæрæсейы  фадæтттæ,ц æмæй  мауал сфинанс кæной  се фсæддон тыхтæ.

Арæн скæндзыстæм  бæрзонддæр технологиты рæувадатдзинад. Ныццæвдзыстæм  Уæрæсейы  рублы, уæцы сегасдæр ныллæг æмвæзадыл ис  мæйты  дæргъы.  Уæрæсейы  акцитæ  фæаслам сты  50%.  Нæ архæйдтæй,  санкцитæ фидар кæнæм  Уæрæсейы  банкътæн, кæцыты æвæрд ис  триллион 300 милуаны  аргъы  активтæ» – райхъусын кодта Джо Байден.

Байдены дзырдæй,   АИШ  Уæрæсейы  цыппар сæйраг банкъы блокировкæ кæны.

«Дыуццæджы,  аскуыдтам  Уæрæсейы  хицауадæн æхца райсты  фадат  америкаг кæнæ Европаг   инвестицитæй.  Афтæдæр ныр  фидар кæнæм санкцитæ  Уæрæсейы  стыр  кондадтæн, компанитæн,  кæцытæм ис триллион 400 милуаны аргъы  активтæ.  Уæрæсейæн арæн кæндзыстæм  текхнологиты рæувадатдзинад» –  райхъусын кодта  АИШ-ы президент.