Джо Байден  -  цалдæр мæймæ  америкаг  адæм  АИШ-ы ног  фидæны къурс  сывзардзæн, цæй ма иумæ бацархайæм  демократи бахъахъхъæнынæн
Джо Байден - цалдæр мæймæ америкаг адæм АИШ-ы ног фидæны къурс сывзардзæн, цæй ма иумæ бацархайæм демократи бахъахъхъæнынæн

Президентон    æвзæрстытæй  кандидатурæ сыхалыны фæдыл   фыццаг  æхсæнамон    ралæуды рæстæджы АИШ-ы  президент Джо Байден,  вице-президент Камала Харрисыл фæныхас кодта æмæ  загъта, цæмæй    цалдæр мæймæ  америкаг  адæм АИШ-ы  фидæны  курсы сывзардзысты.

«Цалдæр мæймæ  америкаг адæм АИШ-ы ног   курсы   сывзардзысты. Æз сарызтон    ме взæрст.  Базонын уын кодтон мæ цæстæнгас.  Фæнды мæ бузныг зæгъын нæ   диссаджы  вице-президентæн, Камала Харриссæн. Уый тыхджын у.  Фæрæзджын у.  Уый  уыдис мæнæн  диссаджы партнер æмæ нæ бæстæйы  лидер. Ныр  æвзæрст сымах хъуамæ саразат – америкаг адæм.

Харрис тынг тагъд  стыхджын кодта  партийы  фарсхæцын æмæ ацы  къуырийы  райдайæны   ссис демократон партийы    æнхъæлцау  кандидат.   Ныр истори   уæ къухты ис.   Тых  ис  сымахмæ.   Цæй ма  иумæ  бацархайæм нæ  демократи бахъахъхъæнынæн.   Ам  паддзæхтæ  нæ  бадынц.  Ам  фæткдæттæг сты  адæм.  Мæ зæрдæйы æмæ мæ уд ратдзынæн мæ адæмæн.  Ныфс мæ ис  æмбарут,   цæмæй  куыд зæрдæрухс  дæн  сымахæй», – райхъусын кодта  Байден.