Джо Байден АИШ-ы президенты хæстæ æххæст кæнынмæ официалонæй æрывнæлдта
Джо Байден президентон ардхæрды церемони рацыд æмæ АИШ-ы 46-æм президентæй ссис официалонæй. Инаугураци, Вашингтоны, Капитолийы раз ацыд.
Бæрæгбонон церемонийыл Байден Бæрзонддæр тæрхондоны тæрхонгæнæг Джон Робертсы æмæ æрымбырдуæвæг æхсæнады раз, уыцы Библийыл расомы кодта, кæцы йæ бинонтæм 1983 азæй уыдис æвæрд æмæ кæцыйыл ардхæрды церемони вице-президенты рангы уæдмæ дыууæ хатты ацыд.
Бæрæгбойнон ардхæрды фæстæ, президент Байден, æмбæстæгтæм раздæхт инаугурацион сидтæй.
«Ай Америкæйы бон у. Ацы бон у Демократийы бон, историйы æмæ ныфсы бон, ранæуæгы бон. Америкæ фæразы алы быцæусидтæн. Абон бæрæгбон кæнæм кандидаты триумф нæ фæлæ, демократийы миниуджытæ бæрæг кæнæм. Адæмы фæнд сæххæст ис. Ноджы иу хатт бæлвырд базыдтам уый æмæ демократи у тыхджын тæссонд æмæ абон уый фæуæлахиз ис» – райхъусын кодта Байден æмæ ма бафтыда цæмæй «Уыдзæн алкæй президент».
Байдены онг бæрæгбонон ардхæрды церемони вице-президенты рангы рацыд Камала Харрис.
46-æм президенты инаугурацимæ нæ рацыд йæ развæдгæнæг президент Дональд Трамп. Уый Урс Хæдзар ныууагъда 20 январы сæумæрасом.
Банысанкæнинаг у, цæмæй церемонийыл уыд нырид раздæры вице-президент Майк Пенс.