Джим Риш, Джин Шахин, Адам Кинзингер æмæ Джерри Конноли иумæйаг фидиуæн аразынц
АИШ-ы Сенаты æддæ ахастыты комитеты уæнгтæ æмæ конгрессментæ Гуырдзыстоны айтынггонд фæзындты фæдыл иумæйаг фидиуæн аразынц.
Фидиуæныл къух æвæрынц Сенаты æддæ ахастыты комитеты акæнæг республикаг сенатор Джим Риш, йæ демократ коллегæ, Европæйы дæлкомитеты сæрдар сенатор Джин Шахин æмæ минæвæртты палатæйы æрдгæй Гуырдзыстоны хæлæртты къорды æмсæрдæрттæ – республикаг Адам Кинзингер æмæ Демократ Джерр Конноли.
«Гуырдзыстоны хицауады уынаффæ, «Иугонд Националон Змæлды» сæйраг офисмæ лæбурды фæдыл, цæмæй йæ лидер Ника Мелиайы æмæ дæсгай активисты æрцахстаит, фундаментонæй мæстиаг у. Гуырдзыстоны барадхъахъхъæнæг тыхты æмæ тæрхондонæй коррпумиргондæй спайдакæнын политиконæй мотивиргонд архæйдтытæ сæххæст кæнынæн, тæссаг у, Гуырдзыстонмæ демократи æмæ евроатлантикон фæндагæй ма цы баззадис уымæн. Сидæм алы политикон ахæсты æнæаргъæвгæйæ ссæрибар кæнын, уый нымæцы Ника Мелиа æмæ Гиорги Руруайы. Алы политикон парти хъуамæ бауромæт провокацитæ æмæ æрныхас кæнæт кризисы сабырæй аскуъыддзаг кæнынæн», – дзырдæуы фидиуæны.