Джеймс Метис хъуыдымæ гæсгæ, Сирийы хицауадон тыхты æрдгæй, маргджын газæй спайда уыдис æнæзонд ми
Джеймс Метис хъуыдымæ гæсгæ, Сирийы  хицауадон тыхты æрдгæй,  маргджын газæй спайда  уыдис æнæзонд ми

АИШ-ы хъахъхъæнынады нымæрдар  Джеймс Метис хъусын кæны, цæмæй Сирийы  хицауадон ыхты æрдгæй,  маргджын газæй спайда  уыдис æнæзонд ми.  Метис афтæдæр  бафаудта  Уæрæсейы æрдгæй  Дамаскъæн æххуыс.

Агентад Reuters куыд хъусын кæны афтæмæй,    уый фæдыл Пентагоны  къухдариуæггæнæг зæгъгæ,  Оманмæ визиты  рæстæджы  расидтис.

Джеймс Метисы дзырдæй,   кæд Сирийы  хлоринæй спайда  сбæлвырд уыдзæн, АИШ-ы президент  Дональд Трампæн йæ бон уыдзæн  райса цыфæнды  скуыддзаг, кæцы йæ хъуыдымæ гæсгæ,  æмбæлон уыдзæн  уæвæг уавæры.

2017 азы  апрелы  Дональд Трамп Сирийы  уæвæг æфсæддон базæйыл  ракетон хафты  сæххæсты бардзырд  уый  фæстæ ратта,   Идлибы  уæвæг растгæты  кантрологонд сахар  Хан-Шейхуны  химикъон бырсты  фæстиуæгæн  дæсгай  сабырадон цæрæг куы амард.