Джеймс Аппатурайи - НАТО сараздзæн цыппар дырыс къахдзæф, цæмæй Гуырдзыстон, Сау Денджызы æдасдзинады æрфидары фылдæр баст уа
НАТО цыппар дырыс къахдзæф сараздзæн цæмæй Гуырдзыстон Сау Денджызы æдасдзинадмæ уæрæхæйдæр баиу кæна – уый фæдыл Гуырдзыстоны Радиоимæ эксклюзивон интервьюйы Кавказы æмæ Централон Азийы НАТО-ы генералон нымæрдары специалон минæвар Джеймс Аппатурайи фехъусын кодта.
«Æххуысы ног пакеты алæвæрды политикон скуыддзагæн ис цыппар аххосы. Фыццаг – зонут æй, Гуырдзыстон у НАТО-йы æнæуæнг уыцы бæстæты къорды, кæцытимæ нын ис куындæг дыууæфарсон æмгуыстад. Гуырдзыстонимæ ацы æмгуыстад æцæгæй сегасдæр хуыздæр æмæ дæнцон у æмæ нæ уый фæарфдæр кæнын фæнды. Дыккаг аххос у уый æмæ алчидæр зонæм, цæмæй Сау Денджызы регионы æдасдзинады æрдгæй ситуаци фæфыддæрдæр ис. Ацы ситуацийы фæфыддæр ис Гуырдзыстонæн, Украинайæн æмæ НАТО-ы уæнгтæн дæр. Уый аххосаг та у Уæрæсейы агрессивон архæйдтытæ Гуырдзыстоны, Украинайы æмæ Хъырымы æрдæгсакъадахыл. Уæрæсе Хъырымæй спайда кодта Сау Денджызы æфсæддон тыхты бæрц райрæзын кæнынæн. Уыцы тæфаг та хъары куыд махмæ, афтæ Гуырдзыстонмæ æмæ Украинамæ дæр» – фехъусын кодта Джеймс Аппатурайи.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, уæлдæрæрнымадгонд аххосæгты тыххæй, НАТО-ы фæнды Гуырдзыстонимæ æмгуыстад фæарфдæр кæнын, уæлдайдæр Сау Денджызы контексты.
«Уый æппæтмæ гæсгæйæ хъавæм ахæм къахдзæфтæ саразын. Фыццаджы дæр, Гуырдзыстон баиу кæндзыстæм фылдæр активондзинæдты, кæцыты хонæм «гибридон хъахъхъæнынадæй». Ныхас кæнын уыцы амæлттæ æмæ фæрæзтæй хъхъахъхъæнынадыл, кæцытæй Уæрæсе пайда кæны æндæр бæстæты ныхмæ, дæнцæн, хъуыддаг куы æххæссы киберлæбурдтæм кæнæ дезинформацимæ, энергетикон блокадæмæ, сусæггомау бæрæгдзау æмæ æфсæддон активондзиндмæ. Алы ацы мадзæлтты мах нымаййæм иу пакеты хайæ, уымæн æмæ æцгдæр афтæ у. Кусæм Украинаимæ æмæ Гуырдзыстонимæ ацы фарстатыл. Фæфидардæр кæндзыстæм æмгуыстад цæмæй нæхи бахъахъхъæнæм ахæм æртъхъирæнтæй» – банысан кодта Аппатурайи.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, дыккаг фарста у уый æмæ Гуырдзыстонмæ хъуамæ уа сыхагон тыгъдады, бирæ хуыздæр уавæр.
«Ис нæм программæ, кæцымæ нæ фæнды Гуырдзыстон бафтауын. Уый у «Уæлдæфон тыгъдады æдасдзинады программæ», кæцыйы фæрцы Гуырдзыстон хуыздæр зондзæн цы уавæр ис йæ уæлдæфон тыгъдады. Ног пакеты ноджы иу компонент у уый, цæмæй гуырдзиæгты æмæ украинæгты фылдæр бæрцæй бастдзинад уа иумæйаг ахуырты. Сæрмагондæй уый тыххæй, цæмæй Гуырдзыстон» хъахъхъæнынады институцион рацарæзты скъола» æмæ «НАТО-Гуырдзыстоны ахуырты æмæ аргълæвæрды иумæйаг центр» тынг хорз куыст кæнынц. Ныфс нæ ис, цæмæй уым фылдæр украинагы фендзыстæм. Æмæ æппынфæстаг, нæ æмцæдисонтæ, НАТО-йы уæнгтæ тæрхон кæнынц Гуырдзыстоны фылдæр бастдзинадыл æфсæддон ахуырты. Уый нымæцы регионы дæр. Афтæмæй нæм ис цыппар дырыс къахдзæф, кæцыты саразын хъавæм, цæмæй Гуырдзыстон, Сау Денджызы æдасдзинады æрфидары фылдæр баст уа» – райхъусын кодта Джеймс Аппатурайи «Гуырдзыстоны Радиоимæ» эксклюзивон интервьюйы.
Кавказы æмæ Централон Азийы НАТО-ы генералон нымæрдары специалон минæвар Джеймс Аппатурайи интервьюйы æххæст версимæ байхъусын уæ бон у хуыцаубоны, 3 майы, «Гуырдзыстоны Радиойы» эфиры, Леван Ахалаиайы авторон алæвæрды «Дунейы Хабæрттæ».