Джеймс Аппатурайи Гуырдзыстоны парламенты ис
НАТО-ы генералон нымæрдары æххуысгæнæджы хæдивæг Джеймс Аппатурайи Гуырдзыстоны парламенты ис. Джеймс Аппатурайи хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады комитеты æхгæд фембæлдтæ ауадздзæн.
НАТО-йы генералон нымæрдары æххуысгæнæджы хæдивæг комитеты уæнгтиимæ киберæдасдзинады æмæ гибридон æртхъирæнты ныхмæ тохы сферæйы НАТО-йы Гуырдзыстонимæ æмгуыстадыл æрныхас кæндзысты.
Гуырдзыстонмæ визиты фæлгæтты Джеймс Аппатурайи парламенты фæстæ фембæлдтæ ауадздзæн Гуырдзыстоны хицауады минæвæрттимæ.