Джеймс Аппатурайи – Æнæ 5 статийæ, Гуырдзыстоны НАТО-йы уæнгсуæвыныл ныхас кæнын гæнæн нæй
Хуссар Кавказ æмæ Централон Азийы НАТО-йы генералон нымæрдары специалон минæвар Джеймс Аппатурайы хъуыдымæ гæсгæ, оккупаицгонл территоритæ не сты барьерæй Гуырдзыстоны НАТО-йы уæнгсуæвынæн, фæлæ процесс зын кæнынц.
Уый тыххæй Фыццаг Къаналæн лæвæрд интервьюйы, Джеймс Аппатурайи загъта, америкаг «Heritage Foundation» иртасæны комментарийы рæстæджы, кæцыйы мидæг дзырдæуы, цææмй Гуырдзыстон гæнæн ис сразы уа оккупацигонд территоритæм гæсгæ компромиссыл, НАТО-йы уæнгсуæвыны фарсты тыххæй.
Ныхас цæуы Гуырдзыстоны цæгат-атлантикон альянсы уæнгсуæвыны фæдыл афтæ æмæ оккупацигонд Абхаз æмæ а.х Хуссар Ирыстоныма скусын кæна 5 статийы.
Аппатурайы ныхæстæм гæсгæ НАТО-йы уæнг бæстæтæ разы сты организацийы «гом дуары» политикæимæ.
«Нæу мæ бон уый зæгъын цæмæй ай у барьер, фæлæ зыгъдзынæн уый цæмæй зындзинад у. Ай у политикъон фарст. Фæлæ НАТО-йы уæнг бæстæтæ æнцой дарынц организацийы «гом дуары» политикæйæн, гуырдзиаг реформæтæн, Гуырдзыстоны тырнынадæн æмæ бирæ хæтты уыдис дзырд цæмæй Гуырдзыстон суыдзæн НАТО-йы уæнг. Азты дæргъы Уæрæсе лæууы Гуырдзыстоны территоритыл æмæ ацы зындзинæдты фоныл, НАТО дзуры, цæмæй Гуырдзыстон суыдзæн НАТО-йы уæнг æмæ йын уый тыххæй ис алы хъæугæ инструмент. Афтæмæй æцæгдæр у зындзинад» – расидтис Джеймс Аппатурайи.
Йæ ныхæстæм гæсгæ НАТО-йы бæстæтæ «Heritage Foundation»-ы бавдыст фарстыл нæ уынаффæ кодтой.
Йæ хъуыдымæ гæсгæйæ, нæй гæнæн Гуырдзыстоны НАТО-йы уæнгсуæвыныл уынаффæ кæнын афтæ, æмæ 5-æм статийы ма скусын кæна.
«Мæ бон у зæгъон мæ хъуыды æмæ сфиксир кæнон мæ позици. Растæй куы зæгъæм, уæд нæ уыдзæн пайдаджын æмæ реалон Гуырдзыстоны цæгат-атлантикон альянсы æнæ 5-æм статийæ уæнгсуæвыны фарстыл уынаффæ кæнын. «Heritage Foundation»-ы æнхъарæн йæ хъуыдыйы дары æмæ баст у бирæ зындзинæдтимæ.
Уый тыххæй дæр мæ хъуыдымæ гæсгæ – нæй гæнæн, цæмæй адæм хъуыды кæной ацы темæйыл æмæ йыл уынаффæ дæр кæной. Альянсы уæнг-бæстæты хъусдард, концентрацигонд у гуырдзыстойнаг реформæтыл. Ай у уыцы фарст, кæцымæ гæсгæ дæр, цæгат-атлантикон советы уæнгтæ æрхæццæ сты консессусмæ. Æнæкæсгæ «Heritage Foundation»-ы цытмæ, уый нæу хорз идея æмæ нысанæмрастыл нæ нымайын исты æнхæлцыты кæнæ ныфсытæ æвæрын дзыллæйы æхсæн ацы сценарийы алыварс» – хъусын кæны Аппатурайи.
Йæ хъуыдымæ гæсгæ, ахæм сценарийы цауы, тынг æнцон уыдзæн регионы провокациты аразын æмæ конфликтты цырын кæны.