Джеймс Аппатурай – мах нæ бауаддзыстæм, цæмæй Уæрæсе æндæр паддзахадты бæсты аскъуыддзаг кæна, цы æдасдзинады механизмтæ хъуамæ уой
Джеймс Аппатурай – мах нæ бауаддзыстæм, цæмæй Уæрæсе æндæр паддзахадты бæсты аскъуыддзаг кæна, цы æдасдзинады механизмтæ хъуамæ уой

Мах нæ бауаддзыстæм, цæмæй Уæрæсе æндæр паддзахадты бæсты аскъуыддзаг кæна, цы æдасдзинады механизмтæ хъуамæ уой –  уый фæдыл Хуссар Кавказы æмæ Централон Азийы Натойы генералон нымæрдары специалон бæрнон Джеймс Аппатурай фыццаг къаналæн расидтис.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, альянс Монтенегройы цаутыл бавдыста, цæмæй Уæрæсе карз ныхмæлæудмæ æнæкæсгæйæ, Нато райста æскъуыддзаг Монтенегройы интеграцийы фæдыл æмæ фидæны дæр афтæ адаргъ уыдзæн.

«Натойы дуар гом у уыцы бæстæтæн, кæцытæн ис фæндон организацийы уæнг суæвын. Уæрæсейæн уый æнæрайсгæ у, уымæн æмæ уый фæнды æмæ  йын уа привелегитæ, буферон зонатæ. Мах нæ бауаддзыстæм цæмæй Уæрæсе æндæр паддзахадты бæсты аскъуыддзаг кæна, цы æдасдзинады механизмтæ хъуамæ уой» – банысан кодта Аппатурай.