Джейхун Байрамов – Азербайджан æмæ Гуырдзыстоны æххæстгонд егъау проектты эффективондзинад æмæ пайда хауынц уæрæхдæр географимæ, уыдон сты дунеон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм проекттæ
Абон нын фадат уыд æруынаффæ кæнын 2024-2025 азты экономикæйы фыццаг фæстиуджытыл, афтæ дæр 2025 азы фыццаг фондз мæйы бæрæггæнæнтыл, кæцытæ ныридæгæн ахызтысты 330 милуанæй, кæцы ивгъуыд азы аналогион периодимæ абаргæйæ 20% онг у – уый фæдыл Азербайджаны фæсарæн хъуыддæгты министр Джейхун Байов Гуырдзыстоны Макаеримæ иумæйаг ныхасы рæстæджы расидтис Бочоришвили.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, ацы динамикæ афæдзы кæронмæ адарддæр уыдзæн.
“Абон нын фадат уыд æруынаффæ кæнын æндæр æмæ æндæр къабæзтыл, куыд экономикон фадыджы, афтæ дыууæ бæстæйы премьер-министрты къухдариуæгадæй æхсæнхицауадон экономикон къамисы куысты нысаниуæгыл дæр. Ныхас кодтам экономикон здæхты 2024-2025 æзты фыццаг фæстиуджытыл, афтæ ма 2025 азы фыццаг фондз мæйы бæрæггæнæнтыл, кæцытæ ныридæгæн ахызтысты 3030 милуанæй кæцы ивгъуыд азы æмбæлон периодимæ абаргæйæ 20% фылдæр у. Æмтгæй райсгæйæ, Азербайджаны республикæ, куыд паддзахадон æмвæзадыл, афтæ компаниты хуызы дæр, тынг активон у Гуырдзыстоны экономикæйы Азербайджан Гуырдзыстоны 36 миллиард доллары инвестицитæй. афтæ дæр банысан кодта, цæмæй нæ бæстæты хайадистæй реализгонд егъау проекттæ стыр хайбавæрд бахæсдзысты нæ бæстæты фæрныгадмæ, уыцы-иу рæстæджы ацы проектты эффективондзинад æмæ пайда уыдзæн фылдæр Уыдон хауынц стыр географимæ æмæ сты дунеон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм проекттæ Мæн фæнды æрдзурын цалдæр проектыл: Баку-Тбилис-Цейхан, афтæ дæр Къоридоры проекттæ. Баку-Тбилис-Карс æфсæнвæндаджы проект дæр иттæг нысаниуæгджын у, æмæ æндæртæ дæр Ацы проекттæ сты нæ æнтыстджын æмкуыстдзинады фæстиуæг, кæцы азты дæргъы цæуы æмæ дæсгай азты дæргъы адарддæр уыдзæн» – райхъусын кодта Азербайджаны æттаг хъуыдтæгты министр.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, дыууæ бæстæйы æхсæн æмкуысткæнынад æрмæст ацы проекттыл æмæ ацы здæхты хъуамæ ма уа.
«Азербайджан æмæ Гуырдзыстоны хайадистæй ацы рæстæгмæ цæуы къорд проект.Альтернативон энергетикæйы проекты нысаниуæгджын у, Азербайджанæй Гуырдзыстоны территорийыл, афтæ дæр Сау Денджызы уылты, европæйаг базармæ заз бæстæтæ бахæццæ кæнын.Ацы проекты фæлгæтты Гуырдзыстон æмæ Азербайджан къорд европæйаг бæстæтимæ æмгуыст кæнынц, афтæ дæр Турк æмæ проект æнтыстджынæй цæуы.Ивгъуыд азы ноябры COP29-ы фæлгæтты къорд хæлæрттæ, афтæ дæр Астæуккаг Азийы бæстæтæ – Узбекистан æмæ Казахстан равдыстой сæ фæндон проекты архайын сæ альтернативон энергетикон потенциалæй, æмæ арæзт æрцыд æмбæлон къахдзæфтæ Мах хъуыды кæнæм, уый æрхæсдзæн тынг позитивон фæстиуджытæ», — загъта Джейхун Байов.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, бæстæты ‘хсæн стыр куыст цæуы æмæ астæуккаг къæлидоры уæзты фæфылдæр дæр нымад цæуы.
«Абон нын уыд фадат æруынаффæ кæнын.Махæн ис фылдæр потенциал, ныфсджын стæм, цæмæй нæ архайд адарддæр уыдзæн фидæн азты системонæй æмæ æнтыстджынæй.Ныхас кодтам уæвæг æмгуыстады перспективæтыл, афтæ дæр бæстæты географион авналæнты тыххæй, хъуыды кæнæм, цæмæй махæн дæр ис стыр потенциал туризмы фадыджы Гуманитарон сферæйы кæддæриддæр ахсы нæ фембæлдты нысаниуæгджын хæйттæ. Иуæй-иу нысаниуæгджын здæхт у культурæ, рухсад, фæсивæдон политикæ», -расидтис Азербайджаны æттаг хъуыдтæгты министр.
Æрмæг цæттæ цæуы синхронон тæлмацмæ гæсгæ.