Джастин Маккензи-Смит - Мысæм уыдоны, чидæриддæр Гуырдзыстоны хæдбарадæн сæхи снывонд кодтой. Нæ зæрдыл дарæм сæрибарæн тох
Сæрибарæн тох нæ зæрдыл дарæм, – уый фæдыл Иугонд Паддзахады минæвар Гуырдзыстоны Джастин Маккензи-Смит социалон хызаджы фыссы.
«Абон мысæм уыдоны, чидæриддæр Гуырдзыстоны хæдбарадæн сæхи снывонд кодтой. Нæ зæрдыл дарæм сæрибарæн тох», – фыссы Джастин Маккензи-Смит «Твиттеры».
9 апрелы трагедийæ 31 аз рацыд. 1989 азы 9 апрелы, боныцъæхыл, Советон цæдисы гарзджын тыхты дæлхайадтæ Тбилисы центры, парламенты бæстыхайы цур, сабырадон протестон акци ныссæстой, кæцы амæттагæй фæцис. Ныссæндыны фæстиуæгæн 21 адæймаг амард, æрмæст мингай æмбæстаг та æнæбæрæг газæй фæхъæстæ ис.