Дыууæ гуырдзиаг дзюдоистæн Токиойы Олимпиадæйы аккредитацитæ байстой#1TVSPORT
Токиойы Олимпион хъæзтыты хайадисæг дыууæ гуырдзиаг спортсменæн, Олимпиадæйы аккредитацитæ байстой – уый фæдыл Токиойы Олимпион хъæзтыты спикер, Масанори Такайя фехъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ уыдон ныууагъдтой олипион хъæу, цы ран спортсментæ цæрынц æмæ сын «COVID»-регуляциты тыххæй уырдгæй рацæуыны бар нæ уыд.
«Мах сын байстам аккредитацитæ, уымæн æмæ хъуыды кæнæм, цæмæй Олипион хъæуæй рацæуыны факт ма хъуамæ сфиксир уа» – райхъусын кодта Токиойы Олимпион хъæзтыты спикер, фæлæ сæ нæмттæ нæ ракой кодта. Гуырдзыстоны Олимпион комитет сбæлвырд кодта информаци цæмæй фæнысангонд спортсментæ уыдысты дзюдоисттæ.
Гуырдзыстоны æмбырдгонд дзюдойы цæугæ Олимпиадæйыл рамбылдта 4 майданы (1 сыгъзæрин, 3 æвзист), кæцы нæ бæстæйы историйы сеппæтæй хуыздæр фæстиуæг у. Æмтгæй райсгæйæ Гуырдзыстоны олимпион æмбырдæн ацы рæстæгмæ ис 5 майданы.