Дунеон банкы вице-президент Анна Биерде Гуырдзыстонмæ фæуазæг уыдзæн фыццаг официалон визитæй
Дунеон Банкы вице-президент Европæйы æмæ Централон Азийы регионы – Анна Биерде – Гуырдзыстонмæ йæ фыццаг визитæй 17 июны æрцæудзæн.
Дунеон Банкы информацийæ, дыууæбонон визиты дæргъы Анна Биерде фембæлдзæнис Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилиимæ, афтæма Гуырдзыстоны хицауады æндæр уæнгтимæ, сæ нымæцы финансты министр Лаша Хуцишвилиимæ, экономикæ æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр Натиа Турнаваимæ æмæ оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритæй лигъдæтты, фæллойады, æнæниздзинады æмæ социалон хъахъхъæды министр Экатерине Тъикъарадзеимæ.
Афтæма сæ информацийæ, Дунеон банкы вице-президент афтæдæр ауадздзæн фембæлдтæ Гуырдзыстоны æмбæстагон æхсæнады, академион зылдты æмæ хицæн секторы минæвæрттимæ; афтæма фембæлдзæнис партнертимæ æхсæнадæмон финансон институттæй æмæ рæзынады æрдæмадæй архайæг æхсæнадæмон организацитимæ.
Анна Биерде афтæдæр абæрæг кæндзæн Гуырдзыстоны инновациты æмæ технологиты агентады- технопаркы, цы ран фембæлдзæн Дунеон Банкы националон инновациты экосистемæйы проекты (GENIE) бенефициартимæ. Швецийы æмбæстаг Анна Биерде, Дунеон Банкы вице-президенты пост 2020 азы 1 майы бацахста. Ацы позицийыл уый къухдариуæг кæны Дунеон Банкы стратегион, аналитикон, операцион æмæ рухсадон куыстæн Европæ æмæ Централон Азийы регионы.