Дунеон Банк – Гуырдзыстоны экономикæ 2021 азы цыппар процентæй сырæздзæн
Дунеон Банкы прогнозæй, Гуырдзыстоны экономикæйы «Ковид-19»-ы онг уæвæг æмвæзады онг сæндидзын кæнын æвæцццæгæн 2022 азы кæронмæ нæ бантысдзæнис.
Дунеон Банкы публикацигонд бюллетены банысангонд у, цæмæй «Ковид-19»-ы пандеми Гуырдзыстонæн уæззау зиан æрхаста. Мобилондзинады фæкъаддæр, æхсæнадæмон туристты визиты æнæнхъæлæджы фаурæд æмæ лæмæгъ æддæ æркуырдтæ 2020 азы 6,2 процентон экономикон хауд расайдта. Мæгуырдзинады бæрæггæнæн 5.4 процентон иуæгæй сырæзт. Куыстбынæтты æмæ æфтиæгты сæфт сæрмагондæй карз проблемæйæ ссис. Фискалон дефицит æмæ паддзахадон хæс бæрæг арæнæй ахызтис, фискалон æмæ æддæ базарадон балансыл кризисы æндæвдады уавæрты.
Прогнозмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстоны экономикæ 2021 азы цыппар процентæй, æрмæст 2022 азы фондз процентæй сырæздзæн. Экономикæ фæхуыздæрмæ нæкæсгæйæ, æмтгæйон рауагъд «Ковид-19»-ы онг уæвæг æмвæзады онг 2022 азы кæронмæ не сног уыдзæнис, кæцы фылдæр хайæ баст у æхсæнадæмон туризмы перспективæты фæдыл æнæныфсдæттæг прогнозтыл. Экономикæйы сæндидзын кæнын нысаниуæгджынæй баст уыдзæнис рискытыл, сæ нымæцы – куылмыпгонд вакцинаци, уæлдай тобæтæ, глобалон финансон уавæрты фæкарз æмæ дæргъвæтин политикон тынггонд уавæр.