Дунейы сеппæтæй хуыздæр атлеты, Лаша Тъалахадзейы, абон Тбиисы схорзæхджын кæндзысты – [видео]

Уæззау  атлетикæйы   æхсæнадæмон федерацийы  (IWF) уынаффæйæ, 2017 азы   дунейы  сегасæй   хуыздæр  атлеты –  Олимпион, Дунеон æмæ Европæйы   чемпионы, Дунейы рекордсмены, Лаша Тъалахадзейы  схорзæхджынкæныны  церемони  Тбилисы  абон ацæудзæн.

Тбилисы  афтæдæр  схозæхджын кæндзысты  2017 азы  сеппæтæй   хуыздæр  сылгоймаг  спортсмены, Олимпион, Дунейы  æмæ  Европæйы   чемпионы, испайнаг  Лидиа  Валентинийы,  кæцы  ивгъуыд азы  сеппæтæй  хузыдæр  уæззау атлет  сылгоймагы  статус нырид  дыккæгæм хатт райста.

Гала—хорзæхджын кæныны церемони абон  Руставелийы театры  ацæудзæн æмæ уым  уыдзысты  Гуырдызстоны  премьер-министр  Гиорги Квирикашвили,  хицауады  æмæ   парламенты уæнгтæ, олимпион  чемпионтæ, спортивон  дзыллæйы  минæвæрттæ æмæ Лаша Тъалахадзейы   бинонтæ  уæнгтæ.

Мадзалы   трансляцийы  радæтдзæн  Æхсæнадон Телеуынынады  Фыццаг  Къанал.

Фæнысан кæнинаг у уый æмæ хорзæхджын кæныны ахæм егъау церемони  Гуырдзыстоны  фыццаг хатт цæуы  уагъд.

Афтæдæр  фыццаг хатт,  атлетикæйы  æхсæнадæмон федерацийы  уагъд  рафарсты,  кæцы  1982  азæй  цæуы  уагъд, гуырдзиаг атлет фыццаг хатт фæуæлахиз ис.