Дунейы прессæйы сæрибардзинады индексы,  ивгъуыд азимæ абаргæйæ Гуырдзыстон 12  къæпхæнæй бæрзонддæр ис
Дунейы прессæйы сæрибардзинады индексы, ивгъуыд азимæ абаргæйæ Гуырдзыстон 12 къæпхæнæй бæрзонддæр ис

2023  азы «Дунейы  прессæйы сæрибардзинады индексмæ» гæсгæйæ,   кæцыйы æрвылазонæй  æнæхицауадон организаци  «Репортертæ æнæарæнтæй» публикаци кæнæ, Гуырдзыстон  180 бæстæйы æхсæн, 61,69 баллимæ, 77-æм бынатыл ис.

2022 азы   фæнысангонд  индексы Гуырдзыстон  уыд 89-æм позицийыл.

Гуырдзыстоны уæвæг  ситуацийы  цыбыр афæлгæсты, кæцы «Дунейы прессæйы  сæрибардзинады индексимæ»  вæййы,  дзырдæуы, цæмæй  «официалон  уæнгты æрдгæй  хифæкæныны цаутæ  йæ бын къахынц  тыхархайдæн, кæцы уагъд у  Гуырдзыстоны медиасæрибардзинад фæхуыздæры æрдæм».

«Уавæр  бонæй-бон  хæрамдæр кæны  хæдбар æмæ оппозицион   медиайæн. 2021 азы  бæстæ федта  журнаслиттæм физикъон бырстыты прецедент цæмæн нæй  ахæм нымæц» дзырдæуы  «Репортертæ æнæарæнтæй»  официалон вебфарсыл  публикацигонд  радзырды.

Фæнысангонд радзырды  банысагонд у, цæмæй медиа ландшафт  Гуырдзыстон   бирæгъуызон у, фæлæ иурæстæгонæй  тынг   поляризацигонд.

«Манипуляцитæ, фыдзæрдæ æвзаг æмæ  дезинформаци уæрæх  ахæлиугонд у  медиайы,  сæрмагондæй  телеуынынады, кæцы информацийы  сæйраг  гуырæн у.  Регионалон радиостанцæтæ  тыхджын кæнынц, мыуыр медиайы   кæсджыты  нымæц къаддæр кæны, æрмæст   онлайн  медиафæрæзты  аудитори та фылдæр кæны» -дзырдæуы  «Дунейы  прессйы  сæрибардзинады  индексы» аргълæвæрды  хайы.

2023 азы «Дунейы прессæйы сæрибардзинады  индексы» автортæ  афтæдæр ныхас кæнынц   Гуырдзыстоны  фæархæгонд  журналисттæм фызыкъон бырстытыл, уый нымæцы  хицауады  бæрзонд  гæсты лæбуртытыл, сæрмагондæй   та æвзæрстыты  периоды.  Ацы контексты   хаххгонд у 2021 азы  июлы  уагхд   гомофобион   контракцитыл,  50  журналисты ныхмæ æрцæугæ    тыхмидзинад,  кæцы индексы авторты  дзырдæй,    цыдис  æдасдзинады  куыстыты   пассивондзинады  фоныл.