«Дунейы экономикон сæрибардзинады» рейтингы Гуырдзыстон 12-æм бынатыл ис
«Рейзер Институты» (Fraser institute) 2019 азы рейтингы «Дунейы экономикон сæрибардзинад»-мæ гæсгæйæ, Гуырдзыстоны позици, раззаг азмæ абаргæйæ иу позицийæ фæхуыздæр ис, æмæ 12-æм бынат бацахста 162 бæстæйы æхсæн. Раззаг азмæ абаргæйæ, афтæдæр фæхуыздæр ис Гуырдзыстоны рейтингон балл, æмæ 7,94 баллмæ аххæссыд. Информацийы хъусын кæны Гуырдзыстоны экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министрад.
«Фрейзер Институты» рейтинг «Дунейы экономикон сæрибардзинад» бæстæты фондз сæйраг ардæмадæн дæтты аргъ – хицауады ас, базарадон системæйы æмæ сæрмæмулкы хъахъхъæдыта, фидар валюта, æхсæнадæмон базарады сæрибардзинад æмæ регуляци.
«Дунейы экономикон сæрибардзинады» рейтингы Гуырдзыстон йæ фæстæ фæуагъдта ахæм бæстæтæ, цахæм дæр сты: Дани (13-æм бынат), Эстони (13-æм бынат), Лиетувæ (16-æм бынат), Германи (20-æм бынат), Финлянди (21-аг бынат), Чехи (22-æм бынат), Латви (24-æм бынат), Австри (26-æм бынат), Сомихыстон (27-æм бынат), Хуссар Корея (33-æм бынат), Словаки (40-æм бынат), Франц (50-йæм бынат), Венгри (54-æм бынат), Хорвати (56-æм бынат), Польшæ (59-æм бынат), Словени (67-æм бынат), Уæрæсе (85-æм бынат), Турк (95-æм бынат), Молдовæ (97-æм бынат), Белорус (99-æм бынат), Азербайджан (116-æм бынат), Украина (135-æм бынат) æмæ æндæртæ.