Дунейы базартыл нефты аргъ 1991 азы фæстæ сеппæтæй ныллæгдæр у
Дунейы базарыл иу барел нефты аргъ 31 долллары онг æрхаудта. Нефты аргъы ай бæрц фæаслам 1991 азы Персы Бакæлæны хæсты фæстæ фыццаг хатт сфиксир ис.
Америкаг финансон гиганты «Годман Сак Группы» куырдиаты банысангонд у, цæмæй барел нефты аргъ гæнæн ис 20 доллары онг фæаслам уа. Нефты базарыл æргътæ 31 процентæй уый фæстæ фæкаддæр сты, ОПЕК Плюсы альянсы æнæразыдзинад, Сауды Арави æмæ Уæрæсейы æхсæн, æргъты тыххæй быцæудзинадмæ куы айрæзтис уæд, кæцы æнхъæлцау расайдзæн политикон æмæ экономикон фæстиуджытæ.
«Блуберг» фыссы, цæмæй æргъты масштабон фæкаддæр нефтыл баст бæстæтæм тынг æвзæр бандавдзæн æмæ гæнæн ис, глобалон политикæйы ивд расайа.
Уæрæсейы хъусын кæнынц, цæмæй бæстæйы компанитæн сæ бон у, цас бахъæудзæн, – уый йас нефт самал кæнын.