Дунейы Банкъы проекты фæлгæтты, æнæнизхъахъхъæды министрад 30 000 цырд тест балхæдта
Дунейон Банкъы коронавирусыл æнæаргъæвгæ реагир кæнын проекты фæлгæтты, æнæнизхъахъхъæды министрад балхæдта цырд тесттæ. Уагдоны куыд хъусын кæнынц, уымæ гæсгæ, антибуæртты 30 000 тесты æрбадæтдзæн Китайы хицауадæй лицензиргонд компани, кæцы фæны сангонд тесттæй Европæйы бæстæты æмæ АИШ-ы дæр ифтонг кæны.
«Фæнысангонд цырд тесттæ лицензиргонд сты Китайы хицауадæй, нæ продукт бирæ иртасæн рацыд æмæ экспортмæ барлæвæрд райста. Тесттæн тынг бæрзонд дырысдзинад ис. Ласæм сæ куыд АИШ-æм афтæ Европæйы æндæр æмæ æндæр бæстæтæм, сæ нымацы Германимæ æмæ Австримæ. Австрий дзы нырид 200 000 тест балхæдта, Германийта уымæй фылдæр. АИШ-æм дæр 200 000 тест арвыстам, фæлæ тынг бæрзонд æркуырд сын ис æмæ уæлæмхасæй ноджы 500 000 тесты заказ нын раттой», – банысан кодта компанийы минæвар Вакли биджар.
Тесттæ «Экспо Джорджиайы» уæвæг æнæнизхъахъхъæды министрады рæстæгмæ æвæрæны райстой æмæ сæ æмбæлгæ клиникæтæм æмæ уагдæттæм райуардзысты.