Дунейы æнæнизхъахъхъæды организаци 30 январы фæуынаффæ кæндзæн, райхъусын кæнæнт æви нæ æхсæнадæмон уæлвæтк режим короновирусы тыххæй
Дунейы æнæнизхъахъхъæды организаци 30 январы фæуынаффæ кæндзæн, райхъусын кæнæнт æви нæ æхсæнадæмон уæлвæтк режим короновирусы тыххæй

Æнæнизхъахъхъæды  Дунейы организаци  30 янавры  Женевæйы   фæстæмæ фæуынаффæ кæндзæн, расида  æви нæ   æхсæнадæмон  фæдисон режим,  короновирусы  ахæлиуы  тыххæй. Уый фæдыл дзырдæуы   организацийы   ахæлиугонд    куырдиаты.

Æнæнизхъахъхъæды   дунейы   организацийы   комитет  бавдисдзæн  организацийы   генералон директорæн   рекомендаци  уæлвæтк уавæры  расидынмæ гæсгæ.

Уымæй  уæлдай ма   комитеты  уæнгтæ   фæуынаффæ кæндзысты  уыцы  мадзæлттыл,  кæцыты райсын бахъæудзæн    низы  превенцийы  нысанæй. Рабадты  фæуды фæстæ  организаци   специалистты  рекомендацитæ  æмæ   амындтæ   публикаци скæндзæн.

Женевæйы   Æнæнизхъахъхъæды   дунейы   организацийы    комитеты рабадт   22-23  январы  сырæзт,   йеуæд организаци   хъæугæйыл нæ банымадта  уæлвæтк  режим æрбайсын.

Бакой уын кæндзыстæм, Китайы  ног типы   короновирусæй  130-æй  фылдæр   адæймаг  æрбамард.  Китайæ  уæлдай,   низæй  фæрнчыны  цаутæ  сфиксир   сты   20-ы  онг бæстæйы.