Дубровникы туристты нымæцыл уагæвæрд æрцыд лимит
Дубровникы туристты нымæцыл уагæвæрд æрцыд лимит

Хорватийы  хицауады  Дубровникы  туристты   нымæцыл сфидар кодта  лимит. Агентад  Reuters-ы информацийæ,   Адриатикæйы денджызы  былыл уæвæг сахармæ, кæцы UNESCO-ы  дунейы   бындарады  цыртты номхыгъды ис,  круизон   лайнертæй ныццæугæ  туристты  тыххæй бартъхъирæн кодта тас.  Январæй  Июны онг периоды  800  аздзыд  сахармæ  280  000  турист ныццыд. Уый тыххæй,  сахары мэрий,  специалон   программæ  скусын кодта,  кæцы Дубровникъы  феныны  фадат   иурæстæгонæй   4 000-æй фылдæр туристæн нал  ратдзæн

Хорватийы  туризмы  ассоциацийы  куыд  райъусын кодой афтæмæй,  сахары  бахъахъъæнынæн  бакуыст амæлттæ  фæстиуæг æрхастой.  Порты зæгъгæ  уыййас адæм нал  вæййы.  Уымæй дарддæр ма,   райрæзтис  уыцы  туристты   нымæц,   кæцытæ  сахары  иу бонæй  фылдæр рæстæг   баззайынц.  Ацы аз ахæм  бæлццæтты  нымæц  уыдис  4,2 милуан.