Хорватийы хицауады Дубровникы туристты нымæцыл сфидар кодта лимит. Агентад Reuters-ы информацийæ, Адриатикæйы денджызы былыл уæвæг сахармæ, кæцы UNESCO-ы дунейы бындарады цыртты номхыгъды ис, круизон лайнертæй ныццæугæ туристты тыххæй бартъхъирæн кодта тас. Январæй Июны онг периоды 800 аздзыд сахармæ 280 000 турист ныццыд. Уый тыххæй, сахары мэрий, специалон программæ скусын кодта, кæцы Дубровникъы феныны фадат иурæстæгонæй 4 000-æй фылдæр туристæн нал ратдзæн
Хорватийы туризмы ассоциацийы куыд райъусын кодой афтæмæй, сахары бахъахъъæнынæн бакуыст амæлттæ фæстиуæг æрхастой. Порты зæгъгæ уыййас адæм нал вæййы. Уымæй дарддæр ма, райрæзтис уыцы туристты нымæц, кæцытæ сахары иу бонæй фылдæр рæстæг баззайынц. Ацы аз ахæм бæлццæтты нымæц уыдис 4,2 милуан.