Дональд Туск Мамука Бахтадзеимæ фембæлдыл нодлжы иу хатт сбæлвырд кодта Гуырдзыстоны фарсылхæцындзинад
Дональд Туск Мамука Бахтадзеимæ фембæлдыл нодлжы иу хатт сбæлвырд кодта Гуырдзыстоны фарсылхæцындзинад
Гуырдзыстон -Евроцæдисы æмкуыстдзинады ног формат, кæцыйы фыццаг фембæлд абон Брюселы сырæздзæн, ноджы иу хатт бавдисдзæн дыууæфарсон æмахастыты размæцыды бæрзæнд æмæ йæ къух сараздзæн секторон цæдисты фæарфдæрæн – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер минситр Дональд Тускимæ фембæлды фæстæ расидтис. Специалонæй сырæзт ацы формат Гуырдзыстонæн, куыд алкæмæй æнтыстджын бæстæйæн, Евроинтеграцийы фæндагыл. Махæн уыдзæн фембæлдтæ евросоветы президент Дональд Тускимæ, Еврокомисы президент Жан Клод Юнкеримæ, цæмæй нæ европон партнертимæ иумæ бакусæм ног фæндæгтæ æмæ ног нысæнттæ куыд æрбаввахс кæнæм Гуырдзыстоны Европамæ . Мамука Бахтадзе – европон коллегатæн бавдисдзыстæм конкретон хъуыдиæттæ, куыд хъуамæ саразæм нæ интеграцийы процесс ноджы эффектон дæр
Афтæ æввахс еврострукутратæм никуы уыдыстæм, уый у историон шанс æмæ йæ хъуамæ спайда кæнæм, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе Брюселмæ афæндарасты онг журналисттæн расидтис.
Премьер-министры пресс-куысты информацийæ, визиты фæлгæтты сырæздзæн уæллаг рангы фыццаг фембæлд Гуырдзыстоны хицауад æмæ еврокомисы уæнгты хайадистæй. Дональд Туск Мамука Бахтадзеимæ фембæлдыл ноджы иу хатт сбæлвырд кодта Гуырдзыстоны фарсылхæцындзинад.