Дональд Тускъ – Бузныг Гуырдзыстоны премьер-министрæн, йæ фыццаг визитæн Брюссель кæй сывзæрста уый тыххæй
Фæстаг 10 азы мидæг Гуырдзыстон уыд æнтыстджын демокративон институтты райтынгы æмæ экономикон рæзынады – уый фæдыл Европæйы советы президент Дональд Тускъ, райхъусын кодта Гуырдзыстоны премьер-министр мамука Бахтадзеимæ иумæйаг пресс-конференцийыл Брюсселы.
«Цины хъуыддаг премьер-министр Бахтадзейæн сфысым кæнын ам Брюсселы, æмæ йын арфæ кæнын Гуырдзыстоны премьер-министры постыл кæй снысан ис уый. Стыр бузныг ахæм æвзарæн кæй сарызтат – ай у уæ фыццаг визит премьер-министры рангы, тынг симовликон у æмæ æз тыхджын аргъ кæнын ацы хъуыддагæн» – загъта Дональд Тускъ.
Европæйаг советы президент тæфæрфæс ракодта Тъхъибулы æрзæткъахджыты адзалы тыххæй кæцы цалдæр бон размæ æрцыд.
Уымæй дарддæр ма, Тускъ бахахх кодта, ома Евроцæдис æмæ Гуырдзыстон хæстæг хæлæрттæ æмæ партнертæ кæй сты уый.
«Абоны рабадтыл Гуырдзыстоны премьер-министримæ иумæ бафидар кодтам нæ уынаффæ фæарфдæр кæнæм æмгуыстад ассоциацидзинады фæдыл амбицион бадзырды базæйыл æмæ нæ хъусдард раздахæм Гуырдзыстоны Евроцæдисимæ политикъон ассоциацидзинады æмæ экономикон интеграцийы стартегион уагахасты æрдæм»- райхъусын кодта Тускъ.
Европæйаг Советы президенты ныхæстæм гæсгæ, Евроцæдис раздæронау егхау æнцой дары Гуырдзыстоны æнтыстджын реформæты процессæн.
«мазх баныхас кодтам, цæмæй уый æнæмæнгæй хъуамæ адарддæр уа. Ныхасы рæстæджы æм хъусдард сцырын кодтон регионы уæвæг уавæрыл . Гуырдзыстон лæууы сидтытæй едзаг регионы, цы ран сегасæй ахсджиаг роль æххæст кæны куыд иугæнæг бстæ афтæ. Евроцæдис бæрзонд аргъ кæны Гуырдзыстоны тыхархайдæн ацы æрдæм æмæ адарддæр кæндзæн æмкуысткæнынад, регионы фидæны стабилондзинад, æдасдзинады æмæ рæзынады тыххæй» – банысан кодта Дональд Тускъ.
Тускъ ма афтæдæр бахахх кодта, цæмæй нырид цæуы Гуырдзыстон æмæ Уæрæсейы æхсæн хæсты 10 азы сæр.
«Юар мын раттут ноыдж иу хатт сбæлвырд кæнон Евроцæдисы фарсхæцынад Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитетæн, æхсæнадæмонæй нымадмæ ист арæнты фæлгæтты. Хъуамæ банысанæуа, ома фæстаг 10 азы мидæг, Гуырдзыстон уыд æнтыстджын демокративон институтты райтынгы æмæ экономикон рæзынады»- райхъусын кодта Тускъ.
Европæйаг советы президент афтæдæр загъта, цæмй Евроцæдис баххуыс кæндзæн Гуырдзыстонæн фæтынхджындæр кæна йæ фадæттæ, конфликты сабырадонæй аскуыддзагы тыххæй.
«Ацы контексты райгонд стæм инициативæйæ «Къахдзæф Хуыздæр Фидæны Æрдæм», кæцы срæвдз кæндзæн базарадон æмæ ахуырадон фадæттæ адæмæн, кæцытæ цæрынц Абхаз æмæ Цхинвалы регионы/Хуссар Ирыстоны загхта Дональд Тускъ.
Европæйаг советы президент, Гуырдзыстоны ног премьер-министрæн æнтыстытæ ракуывдта.