Дональд Трамп – Путины бæллиц уыд æнæхъæн Украинæйы бацахсын, мæнмæ гæсгæ, мæ фæрцы уый йæ бон нал уыдзæн
АИШ-ы президент Дональд Трамп загъта, зæгъгæ, йæ уырны, Владимир Путины фæнды Украинæимæ хæст фæуын, фæлæ ма бафтыдта, зæгъгæ, «гæнæн ис» Уæрæсейы президент æнæбары æрлæууын кæна цæугæ сабырадон бадзырдтæ. Уый фæдыл Трамп ABC-йæн интервьюйы рæстæджы фæныхас кодта.
“Йæ бæллиц уыд æнæхъæн бæстæйы йæ къухмæ райсын. Хъуыды кæнын, мæ фæрцы уый йæ бон нал уыдзæн”, – загъта Дональд Трамп.
ABC-йы уацхæссæг куы бафарста, æууæнды æви нæ Уæрæсейы президентыл, уæд Трамп йæхи баурæдта комкоммæ дзуапп раттынæй.
«Æз сымахыл нæ æууæндын. Бирæ адæймагыл нæ æууæндын, фæлæ мæнмæ гæсгæ, уый мæ кад кæны æмæ мæ уырны, мæ фæрцы йæ бон нæ бауыдзæн æнæхъæн Украинæйы бацахсын, кæд æмæ йæ уынаффæ, йæ равзæрст уыдзæн æнæхъæн Украинæйы йæ къухмæ райсын» – райхъусын кодта Трамп.