Дональд Трамп – ноджы иу æбуалгъ бырст Францы, хъавæм, арæныл æдасдзинад фæтынгдæр кæнын

20:10, 12.12.2018

Америкæйы Иугонд Штатты  президент Дональд Трамп, Страсбургы  æрцæугæ æхсты фæдыл  «Твиттеры» фæрцы  сарызта комментарий.  Дональд Трампы дзырдæй, ацы  фæзынд  ноджы иу  хатт равдыста, цæмæй АИШ-æ  йæ арæныл   æдасдзинады мадзæлттæ хъуамæ  фæтынгдæр кæна.

«Ноджы иу  æбуалгъ  бырст  Францы. Мах хъавæм  ноджы фæтынгдæр кæнæм   æдасдзинад  арæныл» – фыссы  АИШ-ы  президент.

Страсбургы цыппурсон æрмукъæйыл  знон  æхсæв, хъуыстис  æхстыты  хъæр. 29 аздыд  нæлгоймаг  æхсын  байдыдта  æрмукъæйыл æрымбырдуæвæг адæмыл.  Бырсты фæстиуæгæн  фæмард  æртæ æмæ фæцæф ис  12  адæймаг.

Хуыздæр