Дональд Трамп хъусын кæны, цæмæй  АИШ-ы æндæр æмæ æндæр президентты рæстæджы Уæрæсе ныббырста Гуырдзыстонмæ, бацахста Хъырым, хъæуы йæ æнæхъæн  Украинæ, йæ  президентæй уæвыны рæстæджы та ницы  ахаста
Дональд Трамп хъусын кæны, цæмæй АИШ-ы æндæр æмæ æндæр президентты рæстæджы Уæрæсе ныббырста Гуырдзыстонмæ, бацахста Хъырым, хъæуы йæ æнæхъæн Украинæ, йæ президентæй уæвыны рæстæджы та ницы ахаста

АИШ-ы  раздæры президент   Дональд Трамп  хъусын кæны, цæмæй  АИШ-ы æндæр æмæ æндæр президентты рæстæджы  Уæрæсе  ныббырста Гуырдзыстонмæ,  бацахста Хъырым, йæ  президентæй уæвыны рæстæджы та  ницы  ахаста.

Уый фæдыл Трамп  Республикаг  партийы  æмбырдыл   райхъусын кодта, кæцыйыл æй  кандидатæй  официалонæй раразмæ кодтой.

«Президент Бушы рæстæджы Уæрæсе ныббырста Гуырдзыстонмæ; президент Обамайы рæстæджы Уæрæсе  бацахста  Хъырым; архайæг  администрацийы  уавæрты  Уæрæсейы æрхъуыдис  æнæхъæн Украина.  Трампы президентæй уæвыны рæстæджы  Уæрæсе ницы  ахаста», –  райхъусын кодта Трамп.