Дональд Трамп -  Ираны ныхмæ  санкцитæ тагъд райрæздзысты
Дональд Трамп - Ираны ныхмæ санкцитæ тагъд райрæздзысты

АИШ-ы Президент   дзырд дæтты, цæмæй  Ираны ныхмæ  санкцитæ тагъд  нысаниуæгджынæй  райрæздзысты.  Уынаффæйы æфсонæн   Дональд Трамп  æрхаста Ираны æрдгæй   атомон  бадзырды  хæлд.  Фидиуæны Дональд Трамп  микроблог  «Твиттеры»  сарызта.

«Иран нырид рагæй  фæстæмæ, сусæгæй  бонджын кæны уран, кæцы Обамайы  администрацийы рæстæджы  къахæвæрд  тæссаг  150 миллиард  доллары аргъы атомон бадзырды  æнæхъæнæй  саст у. Санкцитæ  тагъд райрæздзысты» – фыссы   Амеркæйы Иугонд Штатты президент.

7 июлы Иран,  атомон бадзырдæй  зæрдылдард  ураны сбонджын кæныны  барæн фæфылдæр кодта. Сæрмагондæй та, ураны  сбонджын кæныны  уынинаг  бадзырдæй бæргæ 3,67 процентæй  ахызт.