Дональд Трамп – Æз никуы дзырдтон, цæмæй Уæрæсе, АИШ-ы æвзæрстыты йæхи нæ фæтъыста

17:38, 18.02.2018

АИШ-ы  президенты Дональд Трампы  ныхæстæм гæсгæ,  уый никуы   загъта, цæмæй  Уæрæсе  АИШ-ы  æвзæрстытæм йæхи нæ фæтъыста  зæгъгæ. Уый  фæдыл Дональд Трамп  микроблог  Twitter –ы  ныффыста.

АИШ-ы   лидеры ныхæстæм гæсгæ,  йæ æвзарæнон баллы  æмæ  Уæрæсейы  хицауады  «бастдзинады фæдыл ахæлиугонд хъусинаг»  Уæрæсæйæ  ахæлиугонд  «дам-дум» уыд.

«Æз никуы   дзырдтон, цæмæй   Уæрæсе, АИШ-ы  æвзæрстыты йæхи нæ фæтъыста.  Æз загътон, цæмæй  уый гæнæн ис   уа, Уæрæсе, Китай кæнæ æндæр  бæстæ кæнæ  къорд,  кæнæ та  бынтон  чидер   гений, кæцыйы  уæз у  400  килограмм  æмæ  хæдзары,  йæ  компьютерæй йæхи  ивхæрсы» – фыссы Трам  микроблогы.

 

https://twitter.com/realDonaldTrump/status/965202556204003328?ref_src=twsrc%5Etfw&ref_url=https%3A%2F%2F1tv.ge%2Fnews%2Fdonald-trampi-arasdros-mitqvams-rom-ruseti-ashsh-archevnebshi-ar-chareula%2F

Хуыздæр