Гудаурийы зианбаййафæг сывæрджын сылгоймагы, клиникæйæ æввахсдæр периоды рафысдзысты
Гудаурийы зианбаййафæг сывæрджын сылгоймагы, клиникæйæ æввахсдæр периоды рафысдзысты

Клиникæйæ   шведаг сылгоймагы   æввахсдæр периоды  рафысдзысты,  фæлæ   сывæрджын кæй  у  уый тыххæй,   нысанæмраст уыдзæн  тахт  æххæст кæна  хуысгæйæ –  уый фæдыл  Фыццаг Каналæн  «Медиклабы»  æнæаргъæвгæ  æххуысы  дохтыр  Мака  Бакъашвили  фехъусын кодта.

Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, пациекнты уавæр ацы рæстæгмæ у стабилон.

«НÆ  клиникæйы хос кæнын дарддæр кæны  иу  пациент, йæ   уавæр  у  æвæрццаг.  Дарддæр кæнæм  царды  параметрты  мониторинг  æмæ  планон   хос кæнн.  Æввахс  периоды  план кæны  йæ рафыст.   Клиникон  фæфыддæр æнхъæлмæкæсинаг нæу.  Сывæрджыны  статусæй  æмæ травмæйæ рацæугæйæ,   нысанæмрастыл нымайæм  тахт æххæст кæна   хуысгæйæ» –   расидтис дохтыр.

Гудаурийы 16 марты,  рæтæн фæндаджы   хæлды фæстиуæгæн,  зиæнттæ райстой  11 адæймаг.  Уыдонæй асты  фæхæццæ кодтой медицинон уагдондмæ –  авды Гъудушаурийы   номыл клиникæмæ  баластой,   æрмæст иуы  та  «Медиклабмæ».  Гъудушаурийæ   нырид рафыстой   дыууæ пациенты,  æрмæст фондзæн та  хос кæнын  клиникæйы  дарддæр кæнынц,  уыдонæй  иуæн   йæ рагъыстæгыл сырæзт операци  æмæ  ныр  реанимацион хайы  хуыссы.

Зианбаййафджыты  нымæцы ис  Гуырдзыстоны, Украинæйы, Швецийы  æмæ Уæрæсейы   æмбæстæгтæ.

Развæлгъау  информацийæ, рæтæн фæндаг базиан  ис   уромæн  системæйы хæлды тыххæй.

Æрцæугæйы фæдæл   МХМ   хъуыддаг рæгъмæ рахаста.