«Дойче Велле» - Мæскуыйы Алексей Навальныййы офисы къухдариуæггæнæджы æрцахстой
Мæскуыйы полици оппозиционер Алексей Навальныйы офисмæ балæбурдта. Барадхъахъæнджытæ офисы уæвæг адæмы фæрсын райдыдтой.
Æрцæугæйы æвдисæг видеоæрмæг ахæлиу кодтой Алексей Навальныйы фарсхæцджытæ. Сæ ныхæстæм гæсгæ, полици цæвиттон бæстыхайы монтажгонд бомбæ агуры уый фæдыл сиды.
«Дойче Велле» куыд хъусын кæны афтæмæй, фæстæдæр полициæгтæ æрцахстой Алексей Навальныйы Мæскуыйы офисы къхудариуæггæнæджы Сергей Бойкойы афтæдæр цалдæр æмкусæджы. Уыдоны азымджын кæнынц массон акциты организацидзинады фæдыл закъоны састы.
Иуæй-иу кусæг Дмитрий Низовцевы та фæазымджын кодтой смартфоны мидæг æвæрд бомбæйы бамбæхсыны.
Уæрæсейы цалдæр сахары абон Аоексей Навальныйы фарсхæцджыты протестон акцитæ цæуынц. «Дойче Веллейы» хъусинагæй барадхъахъъхæнджытæ ныридæгæн æрцахстой 40-æй фылдæр активисты.
Оппозиционер политик Алексей Навальный, фарсхæцджытæм протестон рацыдтæм уый фстæ æрсидтис, Уæрæсейы Централон æвзарæн камис йын президенттæм кандидатæй регистрацийы ауадзыныл нæзагъд куы ракодта.