Дмитрий Кумсишвили – апрелы 6.5 % экономикон рæзт сфиксир, кæцы 2014 æм азы фæстæ алкæмæй бæрзонд æвдисæг у
Дмитрий Кумсишвили – апрелы 6.5 % экономикон рæзт сфиксир, кæцы 2014 æм азы фæстæ алкæмæй бæрзонд æвдисæг у
Раздæрон аргълæвæрдмæ гæсгæ, 2018-æм азы апрелы , ивгъуыд азмæ абаргæйæ 6.5% экономикон рæзт сфиксир ис – уый фæдыл Гуырдызстоны фыццаг вице-премьер, экономикайы минитср Дмитрий Кумисшвили раисдтис.
«Фæстаг азты дæргъы ацы æвдисæнтæ сты алкæмæй бæрзонд. Ахæм бæрзонд экономикон темпы рæзт 2014 æм азы фæстæ нæ уыд» – банысан кодта министр.
Дмитрий Кумсишвилийы информацийæ, экономикон рæзт смыхуыр ис цалдæр секторыл – нысаниуæгджынæй сырæзт лæггадгæнæг экспорт æмæ æфтиаг æппæтдунеон туризмæй æмæ баххæсыд 238 милуан доллармæ.
«Гуырдызстоны хицауад даргъ кæны реформæтæ, кæцытæ здæхт сты экономикон рæзты æрдæм. Чысыл рæстæджы размæ расидтыстæм ног реформæты фæдыл, се æхсæн – кредитон реформæ» – раисдтис Дмитрий Кумсишвили.