Дмитрий Хундадзе бирæсабион статусы фæдыл законпроет бавдисдзæн
Гуырдзыстоны парламенты æнæниздзинады æмæ социалон фарстаты комитеты сæрдары хæдивæг Дмитрий Хундадзе бирæсабионты статусы фæдыл законпроект абон ныййарджытæн бавдисдзæн.
Фембæлд, кæцы Гуырдызстоны парламенты сырæздзæн, рухсады æмæ культурайы, афтæ дæр спорт æмæ æрыгонты хъуыдтæгты комитетты бæрнонтæ дæр исдзысты хайад.
Законпроект йæ зæрдыл дары бирæсабион ныййарæгы статус æмæ уыдонæн социалон пакеты баццæтæ.
Иæй иу инициативæ, кæцы æнæниздзинады комитеты информацимæ гæсгæ, финасты министрадимæ у барлæвæрдгонд, электроэнергийы субсиди. Инициативæмæ гæсгæ, цыппар сабион бинонтæн алы аз æрмæст электроэнергийæн 240-ларийы бæрц субсиди уыдзæн лæвæрд, фæлæ ма ноджы радон сывæллоныл 120 лари уыдзæн æфтыд.