«Динамойы» сæрхъызойтæ - кæд ай арæнсæттын у, уæд мах алчи ахæсттæ стæм
Тбилисы «Динамойы» сæрхъызойты бал, национ лигайы «Вит Джорджиаимæ» фембæлды рæстæджы трибунайыл баннер райтыгъдтой.
Тбилисæгты сæрхъызойтæ солидарондзинад расидтысты номдзыд дохтыр Важа Гаприндашвилийæн. «Кæд сæрмагонд зæххыд рацу-бацу кæнын арæнсæттын у, уæд мал алчидæр ахæсттæ стæм», – фыст ис Цхинвалы регионы оккупацион тыхтæ цы дохтыры æрцахстой, уый фарсхæцæн баннерыл.
Æртæ къуырийæ фылдæр у, Важа Гаприндашвили оккупацион режимы ахæст у. Номдзыд дохтыры футболон дунейы дзæбæх зонынц æмæ йын кад кæнынц, уымæн æмæ травматологийы нырыккон метод æрфидар кодта æмæ спортсментæн спортмæ цыбырдæр æмгъуыдтæ æрыздæхын баис сæ бон. Важа Гаприндашвилийы пациенттæ æнæ æрмæст гуырдзиаг спортсментæ, фæлæ ма фæсарæйнæгтæ дæр уыдысты, сæ нымæцы Владикавказы «Аланиайы» футболисттæ дæр.