Димитрис Аврамопулос - Уырны м Гуырдзыстонæн еæвропон фæндаг кæй ис, дарддæр кæндзынæн йæ фарсылхæцындзинад фидæны дæр, Гуырдзыстон европон фидæны аккаг у æмæ йын уый æнæмæнгæй уыдзæн
Æз æууæндын Гуырдзыстоны европæйаг фæндагыл. Æз ын рагæй æххуыс кодтон æмæ дарддæр дæр æххуыс кæндзынæн уæ бæстæйæн фидæны дæр», – загъта Гуырдзыстоны фыццаг къаналæн Грецийы, цыран уагъд цæуы Дельфийы экономикон форум, миграцийы фæдыл раздæры Европæйы къамисæг Димитрис Аврамопулос.
«Гуырдзыстон у европон бæстæ æмæ уый тынг хуымæтæг факт у» – райхъусын кодта Аврамопулос.
«Уыцы рæстæджы æз ахъаз кодтон Гуырдзыстонæн æнæвизæйон балцы раттынæн, хъуыды кæнын Тбилисы уæвгæйæ, æмæ мæ царды никуы федтон уыйбæрц европæйаг тырыса искæцы æндæр сæйраг сахары уынгты, куыд Гуырдзыстоны. Æз нал кусын Евроцæдисæн, фæлæ æппынæдзух лæудзынæн Гуырдзыстоны фарсмæ. бон уый уæ къухы бафтдзæн æз уарзын уæ бæстæ æмæ æнхъæлмæ кæсын ногæй Гуырдзыстонмæ æрыздæхынмæ», -расидтис Димитрис Аврамопулос.