Димитри Кумсишвили - Нæ сæйраг рард у, нæ цæрджыты дзæбæх цард ма уа баст валютæй къурсы змæлдыл
Националон валютæйы змæлгæ къурс нын ис æмæ къурс та бæрæг цæуы, базарыл, æркуырд-бадæттынæй – ацы фидиуæны сарызта экономикæйы министр, Димитри Кумсишвили, ларийы къурсы фæдыл.
«Бирæ хатт загътон æмæ абон дæр банысан кæндзынæн, цæмæй прогноз саразын гæнæн нæй. Махæн ис змæлгæ къурс. Уый та бæрæг цæуы базарыл æркуырд æмæ бадæттынæй æмæ растдæр уый бæлвырд кæны валютæй къурсы. Националон Банкъ фидиуæн сарызта æмæ мæн фæнды ацы фидиуæныл æнцойæ зæгъон, цæмæй кæд æмæ Националон банкъ фæфиппайдзæн цæмæй экономикæйыл инфляцион æндæвдад ис, уæд йæ мæцъистæй максималонæй спайда кæндзæн. Цыдæриддæр та ларизацимæ æххæссы, цы æрдæм ис архайадон план, кæцыйы хицауад, уый нымæцы Националон Банкъ дæр æрххæст кæны æмæ бæрæг закондæттæн пакет абон парламенты ис. Уымæ æмбæлгæйæ дæр, ларизацийы процесс адарддæр уыдзæн. Нæ сæйраг рард у уый, цæмæй валютæй къурс ма уа баст нæ цæрджыты дзæбæхдзинадыл, кæцы дыууæ процессæй цæуы æвдыст. Фыццаг уый цæмæй нæ бæстæйы æргътæ ма хъуамæ райрæзой. Дыккаг та уый цæмæй, нæ цæрджытæн банкъы фылдæр фидын ма хъуамæ бахъæуа уый тыххæй цæмæй кæцыдæр валютæ фæзынаргъ ис» – расидтис Димитри Кумсишвили.