Димитри Кумсишвили – министрадты баиу кæнын, автоматонæй куыстбынат фесафын нæ нысан кæны
Цы амонд æййафдзысты министрадты бæстыхæйттæ, хицауады структурон ивындзинæдты фæстæ, экономиæйы министр ацы этапыл нæ конкрет кæны. Димитри Кумсишвилийы ныхæстæм гæсгæ, хицауады алы гæнæн вариантыл уынаффæ кæны зæгъгæ.
« Министрадты баиу кæнын нæ раситдзæн уый цæмæй адæймæгтæ автоматонæй фесафой сæ куыст бынат. Ацы адæймæгтæ хуымæтæг режимы дарддæр кæнынц сæ куыст æмæ сын кусæн бынат кæй зæгъын æй хъæуы бахъæудзæн. Тынг æнцон логика у. Оптимизаци фыццаджы дæр æххæссы хæдзарадон æмæ администрацион фадыгмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы ацы æрдæм цы тыгъдадтæ ссæрибар уыдзысты, уыдоны бацахсдзысты уывцы адæймæгтæ, кæцытæ абон махмæ кусынц» – расидтис Димитри Кумсишвили.