Димитри Кумсишвили – 2017 азы Гуырдзыстоны æфтиаг туризмæй, уыдис 2 миллиард 7 милуанæй фылдæр долллар
«Гуырдзыстонæн туризм у экономикæйы иуæй-иу сеппæтæй нысаниуæгджын сектор, туризм æрмæст 2017 азы нæ бæстæйы экономикæйы сгенерир кодта 2 миллиард 7 милуан долларæй фылдæр, уымæ гæсгæдæр нæ бæстæйы рард у, максималонæй баахъаз кæна туризмы райтынг» – загъта фыццаг вице-премьер экономикæйы æмæ æнæцудгæ райтынгы министр Димитри Кумсишвили Мадриды, дунейы иуæй-иу сегасæй ставддæр æхсæнадæмон туристон райтынг «FITUR 2018»- цæст ахæссыны фæстæ, кæцыйы хайад исы Гуырдзыстон.
Экономикæйы министрады информацийæ, Гуырдзыстоны туристон потенциал, дунейы иуæй-иу сеппæтæй ставддæр туристон райтынгыл у бавдыст. Экономикæйы æмæ æнæцудгæ райтынгы министрады туризмы националон администрацийы æххуысæй, Мадриды равдыстыл Европæйы павильоны Гуырдзыстонæн рахицæн кодтой специалон стенд.
Мадриды равдыстыл Гуырдзыстоны туризмы националон администрацийæ дарддæр, хайад исынц 8 туристон акæнæг агентад. Равдыстыл афтæдæр бавдыст у Аджарийы туризмы æмæ курортты департамент.
Мадриды æхсæнадæмон равдыстыл «FITUR 2018» бавдыст уыд 160-йæ фылдæр бæстæ. Мадзалы хайад истой 9 500 компанийы, æмткæй райсгæйæ равдыстмæ бацыд 13500-æй фылдæр уазæг.