Диего Колас -  Тæрхондоны  уынаффæйы фæдыл комментари нæ аразын, фæлæ Ника Гварамиайы  хъуыддаг  фарстытæ  æвзæрын кæны
Диего Колас - Тæрхондоны уынаффæйы фæдыл комментари нæ аразын, фæлæ Ника Гварамиайы хъуыддаг фарстытæ æвзæрын кæны

Тæрхондоны  уынаффæйы фæдыл комментари нæ аразын, фæлæ Ника Гварамиайы  хъуыддаг  фарстытæ  æвзæрын кæны –  райхъусын кодта  Гуырдзыстоны  Францы минæвар  Диего Колас   журналисттимæ ныхасы рæстæджы.  Колас   комментари сарызта  «Мтавари Архийы»  бындурæвæрæг  Ника Гварамиайы  æрцахсты хъуыддагыл.

«Мæ  хъуыдымæ  гæсгæйæ, фарстытæ  æвзæрын кæны. Сæрмагондæй  комментари  индивидуалон хъуыддæгтыл, тæрхондоны  уынаффæйыл  нæ  аразын.  Фæлæ  вай  у  уынаффæ кæцы æвзæрын кæны  фарстытæ.   Фундаментон фарст, фундаментон принцип, кæцы ам ис у дзырды  сæрибардзинад. Ай нæ нысан кæны уый ома  журналисттæ  законæй  бæрзонддæр лæууынц, фæлæ  тæрхондоны фæрцы  сурын  куы ис, тæрхонон хъуыддæгтæ,  уæд максималон  хъусдард хъуамæ уа , цæмæй  дзырды  сæрибардзинадыл æндæвдадæй  хи бахизæм.

Лæууы æви нæ  ацы хъуыддаг  ам,  у фарст кæцыйы  дæтдзæн дзыллæ, хъахъъхæд у  æви нæ Гуырдзыстоны  дзырды  сæрибардзинад æви у  æлхъывды цау, гуырысхойаг уый  у.  Ноджы иу  фарст кæцы æвзæры, у уый цæмæй  цæмæн сты  оппозицион равг дарæг  ай бæрц адæм Гуырдзыстоны ахæстоны.  Уырнæг дæн,ц æмæй  ацы фарстытæ  мæм  дæтдзысты, фæлæ мæм дзуаппытæ нæй; фæлæ уырнæг дæн  фæрсдзысты мæ  уый  фæдыл» – райхъусын кодта Диего Колас.