Девид Прайс - «Гуырдзыстонæн фарсхæцыны актимæ» разы сты дыууæдæр партийы
«Гуырдзыстонæн фарсхæцыны актыл» фæныхас кодтам, кæцыйы ногæй бавдисдзыстæм. Ацы законопроектæн ис дыууæпартион фарсхæцынад ис. Дыууæдæр партий – Демократтæ æмæ Республикæгтæ дæр йæ фарс хæцæм Гуырдзыстонæн – уый фæдыл АИШ-ы минæвæртты палатæимæ архайæг «демократийы партнерады палатæйы» сæрдары хæдивæг Девид Прайс Гуырдзыстоны парламенты делегациимæ фембæлды фæстæ райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, цæугæ азы сырæздзæн америкаг конгрессменты Гуырдзыстонмæ визит, кæцы рæстæджы дæр ныхас сырæздзæн Гуырдзыстоны раз уæвæг сидтытыл.
«Цæугæ азы мах фæуазæг уыдзыстæм Гуырдзыстонмæ æмæ нæм уыдзæн фадат фылдæр деталонæй фæныхас кæнæм нæ коллæгæтимæ. Зонæм цæмйæ Гуырдзыстонæн, афтæ куыд алы демократион паддзахадæн ис проблемæтæ, конфликттæ, фæлæ уырнæг дæн , оппозицимæ хъусынц Гуырдзыстоны, хъахъъæд у закъоны сæрагдзинад æмæ цæуы тæрхонон реформæ. Æз сæ фарс хæцын ацы процесстæн» – райхъусын кодта Прайс.
АИШ-ы Конгресс, Гуырдзыстонæн фарсхæцæг дыууæпартион закъонопроект сбæлвырд кодта. Закъондæттæг актæй, Конгресс фауы Уæрæсейы æрдгæй Гуырдзыстоны регионты, – Абхаз æмæ Цхинвалы регионы оккупаци. Афтæма, АИШ-ы Конгресс æнцойад бæлвырд кæны Гуырдзыстоны евроатлантикон æмæ Еропаг интеграцийæн, хъахъъхæнынады æмæ æдасдзинады сферæты АИШ-ГУырдзыстоны ахастыты фæтыхджындæр кæнын æмæ ног этапмæ ахизыны инициативæйæ рацæуы.