Денджызон транспорты агентады хъусын кæнынц, цæмæй Грецийы дыууæ гуырдзиаг наудзог амард
Грецийы дыууæ гуырдзиаг наудзог амард, – уый фæдыл Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн денджызон транспорты агентады фехусын кодтой.
Афтæма сæ информацийæ, иу наудзог ремонтон куыстыты сыххæсты рæстæджы, æрмæст иннæ наудзог та афтæдæр æнамонд цауы фæстиуæгæн амард.
Уагдоны информацийæ, æрцæугæйы бынатыл бацахуыркæнынæн денджызон транспорты агентады минæварад Грецимæ араст ис.
«Денджызон транспорты агенатдмæ æрбацæугæ информацимæ гæсгæйæ, 2023 азы 2 ноябры Грецийы Игуменицайы наулæууæны цур, цы ран нау уыдис ремонтон куыстыты тыххæй, кусæн æххæстбартæ сыххæсты рæстæджы, зиæнттæ райста гуырдзиаг наудзог. Уый фæхæццæ кодтой рынчндонмæ – «General Hospital of Ioannina G. Hatzikosta» фæлæ йæ аирвæзын кæнын нал бантыст.
26 октябры ацы науыл, фыццагон информацийæ, афтæдæр æнамонд цауы фæстиуæгæн амард гуырдзиаг наудзог, кæцыйы 2 ноябры æрластой Гуырдзыстонмæ.
Фæнысангонд цауы тыххæй, агентад фæсарæн хъуыддæгты министрадимæ æмæ Афинæты Гуырдзыстоны консулимæ Гела Джапаридзеимæ иумæ кусы. Уыимæ, уавæр бынатыл базонынæн æмæ сæрмагонд цæст бадарынæн, денджызон транспорты агентады минæвæрттæ Грецимæ араст сты», – райхъусын кодтой денджызон транспорты агентады.