Денджызон транспорты  агентад  нæзагъд кæны информацийыл Батум æмæ Уæрæсейы горæт Новороссийскы æхсæн регулярон денджызон уæзты транспортацийы фæдыл
Денджызон транспорты агентад нæзагъд кæны информацийыл Батум æмæ Уæрæсейы горæт Новороссийскы æхсæн регулярон денджызон уæзты транспортацийы фæдыл

Денджызон транспорты  агентад нæзагъд кæны  информацийыл Батум æмæ Уæрæсейы горæт Новороссийскы  æзæн регулярон   денджызон   уæзты ласын  райдаины фæдыл.  Фæнысангонд тыххæй  дзырдæуы  Денджызон транспорты  агентады ахæлиугонд фидиуæны.

«Сомихытсоны  хицæн  медиафæрæзтæй  ахæлиугонд информаци, цæугæ азы   апрелæй Батум æмæ Уæрæсейы горæт Новороссийскы  æзæн регулярон   денджызон   уæзты ласын  райдаыны фæдыл интерпретацигонд у æмæ раст нæу.

Конкретон  ласыны фæдыл хъусинагы тыххæй   куы зæгъæм, уæд та, апрелы  Палауйы  тырысайы бын  ленкæнæг  нау, Haci Musa Ucak (IMO 9128544) æцæгдæр сыххæст кодта  дыууæ коммерцион рейс  Новороссийск æмæ батумы æхсæн. Хаххгонд у уыцы факт, цæмæй уый  нæу  регулярон   рейс æмæ  æххæстæй  коммерцион равг  хæссы, кæцы  систематонæй  цæуы æххæст.  Фæнысангонд науы  хицау компани, кæцы  нæ зыны  санкциргондты номхыгъды,  ноджы та хъавы  коммерцион рейстæ сыххæст кæнын.

Уæзы тыххæй   куы зæгъæм, уæд та, уый æнæхъæнæй  транзитон у æмæ  йæ кæройнаг  адрис у Сомихыстоны Республикæ.  Гуырдзыстоны денджызон транспорты  агентад, финансты министрады  æфтиæгты куыстимæ координацигондæй,  иудадзыг режимы æххæст кæны   куыд науты, афтæ   науты  хицау компаниты  басгæрст æхсæнадæмон санкциты  æрдгæй.  Уымæ æмбæлгæйæ дæр, кæд нау кæнæ   йæ хицау компани    сты санкциты номхыгъды, уымæ лæвæрд нæ цæуы  Гуырдзыстоны  наулæууæнтæм æрбахизыны æмæ æмбæлгæ   процедурæтæ  сыххæст кæныны бар», – дзырдæуы фидиуæны.